Мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бæрæгбон
21-æм февралы бæрæг кæнынц мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон. Алы адæмыхаттæн дæр ис йæхи æвзаг æмæ у сæ хæзна. Æппынæдзух хъусæм, ирон æвзаг сæфтмæ цæуы, зæгъгæ. Йæ хъысмæт фыццаджыдæр аразгæ у махæй. Йæ фидæн та ис рæзгæ фæлтæры къухы, уымæ гæсгæ сабиты мадæлон æвзагмæ æмхиц кæнын у уæлдай ахсджиаг.
Æрыдоны 2-æм скъолайы 1-æм къласы ахуырдзаутæ Байсангъуырты Эдик æмæ Кокойты Екатеринæ бакастысты æмдзæвгæ сæ мадæлон .
Aхуыргæнæг Мерденты Виктория.
https://vk.com/wall-216610190_1958
Цæр, мадæлон æвзаг ️
7-æм къласы ахуырдзаутæ ирон æвзаг æмæ литературæйы къуыримæ бацæттæ кодтой цыбыр юмористон сценкæ «Ирон нæ жони».
Ахуыргæнæг Гуацъæты Фиолетæ.
https://vk.com/wall-216610190_1991
Æрттив æнусмæ, мадæлон æвзаг !
Æрыдоны 2-æм скъолайы арæзт æрцыдис цымыдисаг брейн-ринг. Уым сæ зонындзинæдтæ ерысы хуызы равдыстой 9 æмæ 10-æм къласты
ахуырдзаутæ.
Брейн-ринг арæзт æрцыдис 3 къæпхæнæй:
1. Бæстæзонынад;
2. Ирон æвзаджы грамматикæ;
3. Аивад æмæ литературæ;
рейн-рингы кæронбæттæны скодтой хатдзæгтæ, æмæ равзæрстой хуыздæр командæ. 1-аг бынат бацахстой 10-æм къласы ахуырдзаутæ. Алы архайæгæн дæр радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ сæ схорзæхджын кодтой кады гæххæтытæй.
Хъазт бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уырымты Регинæ.
https://vk.com/wall-216610190_2049
|