Вторник
15.07.2025
06:00
Приветствую Вас Гость
RSS
 
МБОУ СОШ №2 г.Ардон Республика Северная Осетия-Алания
Главная Регистрация Вход
Каталог файлов »
Меню сайта

Категории раздела
Мои файлы [350]
Год культуры безопасности [0]

Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0


Æгъдау – нæ царды бындур
23.04.2025, 20:39

⚜️Æгъдау – нæ царды бындур

 

Æрыдоны 2-æм скъолайы арæзт æрцыд фæсивæдимæ хъомыладон мадзал. Бацæттæ йæ кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Уырымты Регинæ æмæ Дзалаты Залинæ. 9-æм къласы ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ, 5-æм къласы ахуырдзаутæ та бацæттæ кодтой театралон равдыст хъал фырт æмæ зæронд фыды тыххæй. Уымæй уæлдай сывæллæттæ мадзалы астæу равзæрстой алыхуызон æмбисæндтæ, байхъуыстой зондæн ахъаз хабæрттæм, фæнысан кодтой æгъдау алы хъуыддаджы мидæг, кæй æвдисын хъæуы, уый. Ахуырдзаутæ лæмбынæг байхъуыстой Нарты Кадджыты цы æгъдæуттæ æвдыст уыдысты, уыдонмæ дæр.

 

Мадзалы уазджытæ- «Аланты Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Зæнджиаты Хъазыбег, Æрыдоны Сылгоймæгты Комитеты разамонæг Калоты Эммæ æмæ ныхасы уæнг Хетæгкаты Аллæ зæрдиаг ныхас кодтой сывæллæттимæ ирон æгъдæутты нысаныл: хистæрты раз йæхи куыд хъуамæ дара кæстæр, фынджы уæлхъуыс цы не’мбæлы кæнын, куысты мидæг адæймаг йæхи куыд æвдиса. Зæнджиаты Хъазыбег сывæллæттæн бафиппайдта тæвиц кæнын мадæлон æвзаг бахъхъæныны тыххæй, уымæн æмæ æгъдæуттæ йемæ фидар баст сты. Уырыссаг æвзаг нæ алчидæр хъуамæ æнæмæнг зона хорз. Фæлæ æппæты фыццаг ирон адæймаг хъуамæ зона йæ мадæлон æвзаг, уымæн æмæ уый у ахъаз кæстæрты национ, патриотон æмæ эстетикон хъомылады дæр.

 

Сывæллæттæ бирæ ахсджиаг фарстатæ лæвæрдтой уазджытæм, æмæ дзы алкæмæндæр æмбæлон дзуаппытæ лæвæрд æрцыд. Мадзалы архайдтой скоъолайы ахургæнджытæ дæр: Быгъуылиты Индирæ, Бокоты Зæирæ, Томайты Кетеван.

 

Сиукъаты Зæрина æмæ Кокайты Сара баххæст кодтой мадзал рæсугъд ирон зарæгæй. 9-æм къласы ахуырдзау Плиты Къоста хатдзæгæн нысан скодта: «Абон мах не’гъдæуттæм гæсгæ куы нæ цæрæм, уæд фидæны баззайдзыстæм æнæ намысæй».

Категория: Мои файлы | Добавил: Мерабовна
Просмотров: 6 | Загрузок: 0 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
Имя *:
Email *:
Код *:
Вход на сайт

Поиск

Друзья сайта